Цхинвалы районы 2018 аз: Бырондоны хъысмæт, сæндæттæ æмæ дыргъдæттæ

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Валерийы пресс-конференци
Бибылты Валерийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы районы хистæр Бибылты Валерий радзырдта журналисттæн, цы проблемæтыл æмбæлдысты æмæ сын цы бантыст саразын ацæугæ азы

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты 2018 азæн хатдзæгтæ скодта Цхинвалы районы хистæр Бибылты Валерий. Районы разамонæг радзырдта инфраструктурæйы цы сарæзтæуыд, хъæууон хæдзарады размæцыдыл, горæты ног бырондоны алварс хъаугъайыл æмæ дарддæры фæндтыл.

Дыргъдæттæ, сæндæттæ æмæ урсаджы продукци

Цхинвалы район советон дуджы кæд хъæууон хæдзарады фадыджы уыд тынг размæцыд, уæд та ныр дæр цадæггай йæ къахыл лæууы.

Сады Ирыстона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæткъуыйы "Ирыстоны дыргъдæттæ" айтынг уыдзысты присаг къуылдымтыл

"Цхинвалы районы тыллæг хæсын райдыдтой "Ирыстоны дыргъдæттæ", Елтъурайы урсаджы продукци фенæн ис нæ базары, Цъунары æркодтой мæнæу. Арцеуы уæвынад кæнынц фермерон хæдзарæдтæ, кæцытæ дарынц 200 сæры бæрц ставдкъах фос, ацы хъæуы зайын кæнын райдыдтой Фæскавказы хуыздæр сæнæфсиры хуыз. Ныридæгæн уым ис 10 гектары бæрц сæндæттæ. Æз афтæ хъуыды кæнын - хъæууон хæдзарад размæ цæудзæн", - загъта уый.

Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, йæ дæлбар районы тынг бирæ баззад хæсты цы исад бахъыгдард ис, уыдонæй аразинæгтæ.

"Ныридæгæн махмæ хыгъды ис 800 хæдзары бæрц, кæцытæн хъыгдард æрцыдысты хæстыты рæстæджы æмæ сæ хъæуы сæндидзын кæнын. Хелчуайы хъæу мах схуыдтам Хуссар Иры Хатынь. Ацы хъæу хæсты рæстæджы ʻрцыд сыгъд, бабын дзы ис адæм",- радзырдта Бибылты Валерий.

"Амонд" "Симд"-ы бæсты

Цхинвалы районы кафты ансамбль "Амонд"- ы архайд районы хистæр рахаста рæгъмæ. Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, ацы азы дæргъы уыдон радтой 50 концерты бæрц республикæйы алы къуымты.

Концерт 3 ансамблей на стадионе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг "Амонд" хайад райсдзæн фестиваль "Зори Алании"-йы

"Нæ кафты ансамбль "Амонд" кæддæриддæр цæттæ у "Симд"-ы баивынмæ. Мæ информацимæ гæсгæ канд районы нæ, фæлæ æппæт республикæйы радтой ацы аз 50 концерты бæрц. Нæ сфæлыстадон къордтæ 4 декабры хонынц радон концертмæ ПККЗ "Чермен"-мæ", — загъта Бибылты Валерий.

Дзуармæ фæндаг æмæ æппæт хъæутæм дон

Ацы аз районы цæрæн-коммуналон хæдзарад сарæзта фæндаг Хуссар Иры иууыл стырдæр кувæндæттæй иу – Джеры Дзуармæ.

Джеры дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джеры Дзуары кӕронмӕ бахӕццӕ сты реконструкцион куыстытӕ

"Джеры Дзуармæ фæндаг иууылдæр арæзт æрцыд, уым æдæрсгæйæ ныр цæуынц рог хæдтулгæтæ. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцыд 29 километры бæрц доны хæтæлтæ, зæгъæн ис æмæ Цхинвалы районы æппæт хъæутæм дæр бауагътам дон. Ныридæгæн ма кусынц Тъбет æмæ Присы хъæуты", — загъта уый

Бырондоны алыварс хъаугъа

Столицæйы ног бырондоны бынат равзарыны фарсты фæстаг рæстæжы æрынцадысты Цхинвалы районы иу зæххы фадыгыл. Ног бырондоны бынат ис "Ирыстоны дыргъдæттæм" хæстæг, Ереды суадоны бынмæ. Ацы бынаты бырондон саразыны цæхгæр ныхмæ рацыдысты æввахс æвæрд хъæуты цæрджытæ.

"Дменис, Хелчуа, Сатихъар æмæ уыцы ʻрдыгæй цы хъæутæ ис, уыдон цæрджытæ сты бырондоны арæзтады цæхгæр ныхмæ. Хицæн ын ʻрцыд 150 милуан сомы. Фæсивæдон организаци ацы фæрæзтæй анхъары балхæнын кæнын завод, фæлæ Цхинвалæн хъæуы стырдæр гуырахстимæ, уыдон та иууыл къаддæр лæууынц 500 милуаны. Адæм домынц æндар ран сæвæрын бырондон, фæлæ кæм?", — загъта районы хистæр.

Цхинвалы бырондон. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалыл ӕндӕгъд бырондон: проблемӕйӕн аскъуыддзаг кӕнын не ‘нтысы

Уый ма банысан кодта, бырондон хъуамæ горæтæй 5 километрæй дарддæр ма уа, "науæд тынг бирæ лæудзысты сæ хæрдзтæй".

æлдæр ранымайгæ хъæуты цæрджытимæ иу хъуыдымæ не ʻрцыдыстæм. Мах сын ныфс бавæрдтам фарст кæй сæвæрдзыстæм паддзахады сæргълæууæджы раз", — загъта Бибылты Валерий.

Ног хабӕртты лентӕ
0