Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы

© Пресс-служба комитета молодежной политикиХуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы
Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæсивæдыл æвæрд ис хæс фæлтæрддзинад райсын æмæ стæй бынаты срæвдз кæнын волонтерон змæлд

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы. Студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæды фæлтæрддзинадæй спайда кæнын фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны волонтерон змæлд сæндидзын кæнынæн, фехъусын кодта Sputnik Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина.

© Пресс-служба комитета молодежной политикиХуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы
Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы
Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй 2018 аз расидт æрцыд бархионты азæй. Форум цæуы фæндзæм хатт, æмæ фыццаг хатт та æхсæнадæмон статусы. Архайы дзы 15 мин бархионы Уæрæсе æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй.

"Волонтерон змæлд тынг размæцыд у Уæрæсейы. Форумы Цхинвалæй архайынц студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæд — æдæппæтæй цыппар адæймаджы, уыдон фæлтæрддзинад райсдзысты мадзалы. Мах фидæн аз ам нывæндæм сцайдагъ кæнын волонтерон куыст æмæ ацы хъуыддагы æнцой кæндзыстæм уыдоныл", — загъта Гатыгкоты Валентина.

Бархионты æхсæнадæмон форумы куыст цæуы цалдæр блокы. Фыццаг рады йæ архайджытæ бабæрæг кодтой социалон уагдæттæ æмæ хæрзаудæн фондтæ.

© Пресс-служба комитета молодежной политикиХуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы
Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæсивæд архайынц бархионты æхсæнадæмон форумы Мæскуыйы

3-4 декабры форум адарддæр кодтой кусæгон фембæлдтæ. Гуырахстджын мадзал балхынцъ уыдзæн цытджын концертæй Ихын Галуаны, цы ран раргом кæндзысты æппæтуæрæсейон конкурс "Доброволец России – 2018"-ы лауреатты нæмттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0