Азы хатдзӕгтӕ ӕмӕ ног хӕслӕвӕрдтӕ: президент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ

© Пресс-служба президента РЮОпрезидент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ
президент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы мэр радзырдта республикӕйы президентӕн азы хатдзӕгты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Цхинвалы администрацийы сӕрдар Коцты Алан ӕрдзырдтой раздӕры фӕдзӕхсттӕ сӕххӕст кӕныны фарстытыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ
Азы хатдзӕгтӕ ӕмӕ ног хӕслӕвӕрдтӕ: президент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент фембӕлд Цхинвалы мэримӕ

Коцты Алан банысан кодта, горӕты администраци кӕй сцалцӕг кодта фараст фатеры, кӕцытӕ зиан баййӕфтой 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы.

"Афтӕ ма цалцӕг кӕнӕм цыппарфатерон хӕдзар Сталины уынгыл, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, ацы аз куыстытӕ кӕй фӕуыдзыстӕм", — загъта мэр.

Дарддӕр дӕр куыст цӕуы хӕдзаргӕрон территориты хӕрзарӕзтадыл — авд кӕрты сӕвӕрдтой асфальт, фидӕн аз та нывӕндынц сцалцӕг кӕнын ноджы фондз кӕрты, банысан кодта Коцты Алан.

Мэр радзырдта президентӕн, зӕгъгӕ, ацы азы донифтонгад ӕмӕ коммуникацитӕ ивыны куыстытӕ ныридӕгӕн фесты.

Хъайтарты уынгыл ног хӕдзӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Актуалон фарст: Цхинвалы мэр ног комплексы фатерты уӕрсты тыххӕй

"Иумӕйагӕй коммуникациты дӕргъ рацыд 2300 метры, уыдон сты 9 уынджы. Фидӕн аз нывӕндӕм ауадзын 1000 метры дӕргъ комуникацитӕ", — загъта Коцты Алан.

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, сӕйраг хъусдард хъӕуы здахын горӕты районты хӕрзарӕзтадмӕ, се 'хсӕн Мамсыраты Хадзы-Умары, Нӕузӕххонты уынгтӕ, микрорайон "БАМ". Афтӕ ма Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст, цӕмӕй сцалцӕг кӕной цхинвайлаг 10-ӕм ӕмӕ 20-ӕм сабидӕтты кӕртытӕ.

"Сабидӕтты кӕртыты хӕрзарӕзтады куыстытӕ хъуамӕ райдайой иннӕ азы райдайӕны", — бафтыдта президент.

Фембӕлды рӕстӕджы хицӕн хъусдард уыд здӕхт цӕрӕнуатон къамисы архайдмӕ, кӕцы кусы фатерты райуӕрстыл.

"Ӕз зонын, цӕрӕнуатон къамис цӕсгомджынӕй кӕй кусы ацы фарстыл, ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ уа. Адӕм хъуамӕ зоной, цӕрӕнуат раст кӕй дӕттынц", — бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0