Цхинвалы ӕрдзырдтой азы кӕрон ӕмӕ ногазон бӕрӕгбӕттыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауады хӕдзар
Хицауады хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы хицауады ӕрдзырдтой ивгъуыд азы иууыл актуалондӕр фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Цхинвалы хицауады радон рабадтыл, кӕцы ацыд премьер-министр Пухаты Эрикы къухдариуӕгады бын, ӕрдзырдтой ногазон мадзӕлтты нывӕзтыл, афтӕ ма ацы аз кӕройнаг рабадты фарстытыл дӕр, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад сфидар кодта 2019 азы улæфт бонты нымæц

Республикӕйы ногазон бӕрӕгбонон программӕмӕ бахастой 50 мадзалы 25 декабрӕй 7 январьмӕ, кӕцыты бацӕттӕ кӕндзысты иумӕйаг ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады уагдӕттӕ, библиотекӕтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон коллективтӕ, радзырдта культурӕйы министрады сӕргълӕууӕг Зассеты Жанна.

Афтӕ ма министр банхъардта рахӕссын хицауады радон рабадтмӕ Хуссар Ирыстоны музейы статус "Республикӕ Хуссар Ирыстоны Национ музеймӕ" баивыны фарст. 1923 азӕй фӕстӕмӕ музей фыст у документты куыд бӕстӕзонӕн.

"Музейы ном хъӕуы раивын, уый тыххӕй ӕмӕ рагӕй схызт бӕстӕзонӕн категорийӕ уӕлдӕр", — банысан кодта Зассеты Жанна.

Рабадты рӕстӕджы хицауады аппараты сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег фехъусын кодта ООО "Алани" фӕдзӕхсыны компанийы сӕргълӕууӕджы равзарыны конкурсы тыххӕй, хицауады уӕнгтӕ сфидар кодтой кандидат равзарыны къамисы сконд, кӕцыйы сӕргъ лӕууы экономикон райрӕзты министр Бекойты Геннадий.

Рабадты кӕрон хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банхъардта азы кӕронмӕ кусын оперативон режимы.

"Хъӕуы активонӕй кусын фарстытыл, кӕцытыл хъуамӕ ныхас кӕнӕм хицауады рабадтытыл, цӕмӕй эффективонӕй фӕуӕм аз", — бахахх кодта Пухаты Эрик.

Ног хабӕртты лентӕ
0