Фидар цыппар: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта уагдоны куыстӕн

© Sputnik / Наталья АйриянТадтаты Алан
Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уагдоны министр хатдзӕгтӕ скодта ивгъуыд азӕн ӕмӕ радзырдта ӕмархайды тыххӕй уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) хайадтӕ цӕттӕ сты ӕххуыс кӕнын алкӕмӕндӕр, загъта журналисттӕн УУМ сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан.

Уӕрӕсейаг сапертӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг сапертӕ ссыгъдӕг кӕндзысты минӕтӕй Хуссар Иры иууыл тӕссагдӕр бынӕттӕ

Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийыл министр хатдзӕгтӕ скодта уагдоны куыстӕн ивгъуыд азы.

"Нӕ службӕйӕн хъуамӕ аргъ кӕной адӕм. Мӕнӕн мӕ бон у саргъ кӕнын хайадтӕн, кӕцытӕ хауынц УУМ-мӕ, ӕмӕ мӕ бон фидарӕй у зӕгъын, кӕй сын ӕвӕрын фидар цыппар", - загъта Тадтаты Алан.

Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы аз фӕззӕджы ацыдысты ахуыртӕ, кӕцытӕ хъӕуынц техникӕ фӕззӕгон-зымӕгон периодмӕ ахизын кӕныны тыххӕй, "мӕ бон фидарӕй у зӕгъын, нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ цӕттӕ кӕй сты ӕххуыс кӕнын адӕмӕн".

Афтӕ ма Тадтаты Алан радзырдта, хуссарирыстойнаг ирвӕзынгӕнджытӕ ныридӕгӕн кӕй бахатыдысты уӕрӕсейаг коллегӕтӕм, цӕмӕй рахицӕн кӕной республикӕйӕн санитарон авиаци.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ УФ УУМ ӕхсӕн уагъд цыдис баныхас, цӕмӕй вертолет рахицӕн кӕной уӕззау рынчынты ласынӕн. Уый фӕстӕ дохтырты рекомендациты тыххӕй нал сӕххӕст кодтой ацы хъуыддаг. Мах бадзырдтам УФ хицауадимӕ, цӕмӕй къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнӕм санитарон авиаци рахицӕн кӕныны рӕстӕджы", - банысан кодта Тадтаты Алан.

УУМ сӕргълӕууӕг баныфсӕвӕрдта, сӕрмагонд санитарон авиаци рахицӕн кӕныны размӕ, вертолет-иу кӕй рахицӕн кӕндзысты Хуссар Ирыстоны УУМ сӕргълӕууӕг йӕ уӕрӕсейаг коллегӕмӕ куы фӕдзура, уый фӕстӕ. Тадтаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хабӕрттыл нырӕй фӕстӕмӕ хардз кӕндзысты иу-дыууӕ сахат.

Ног хабӕртты лентӕ
0