Ирон скъоладзауты ӕнтыст Мӕскуыйы – интервью уӕлахиздзаутимӕ

© Пресс-служба РЦНК в ЦхинвалеXVI Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы призертӕ
XVI Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уырыссаг ӕвзаджы ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы финалистӕн Хуссар Ирыстонӕй уыдзӕн фадат бацӕуын ӕнӕ фӕлварӕнтӕй Уӕрӕсейы кӕцыфӕнды лингвистикон ахуыргӕнӕндонмӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон бирӕ хатт хайад иста уырыссаг ӕвзаджы ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы, фӕлӕ ахӕм ӕнтыст никуы ма бафтыд йӕ къухты, фехъусын кодта Sputnik интервьюйы Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг республикӕйы Сергей Скворцов.

Мӕскуыйы 3 декабры райдыдта 16-ӕм ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕ уырыссаг ӕвзагӕй фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй скъоладзаутӕн. Традицион конкурс, кӕцы сорганизаци кодтой Уӕрӕсейы Рухсады министрад, Пушкины номыл уырыссаг ӕвзаджы паддзахадон университет ӕмӕ Россотрудничество, ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ хайадисӕгӕй фылдӕр 34 бӕстӕйӕ. Се хсӕн дыууӕ скъоладзау Хуссар Ирыстонӕй.

Sputnik уацхӕссӕгӕн интервьюйы конкурсы финалисткӕтӕ радзырдтой сӕ балц ӕмӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй.

Амонд у алыгъуызон

Олимпиадӕ цыд дыууӕ этапы. Фыццаг, фӕсаууон, уыд дистанцион: конкурсанттӕ ацыдысты онлайн тесттӕ уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ. Ацы этапы хайад истой дӕс скъоладзауы Хуссар Ирыстонӕй.

Россотрудничествойы хистӕр Хуссар Иры раарфӕ кодта Мӕскуыйы олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Россотрудничествойы хистӕр Хуссар Иры раарфӕ кодта Мӕскуыйы олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕн

"Иууылдӕр райстой стыр баллтӕ, фӕлӕ дыккаг этапмӕ ахызтысты ӕрмӕстдӕр дыууӕ ахуырдзауы гимнази "Альбион"-ӕй: Цхуырбаты Мария ӕмӕ Гӕджиты Елена", — радзырдта цхинвайлаг фӕндзӕм скъолайы ахуыргӕнӕг, уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры кусӕг Туаты Тамара, кӕцы уыд сывӕллӕттимӕ балцы рӕстӕджы.

Ӕрдӕгфиналы чызджыты раз лӕууыд зын хӕслӕвӕрд: сахуыр кӕнын зындгонд нывгӕнӕджы ныв ӕмӕ сдзуапп кӕнын ӕртӕ фарстыл эссейы форматы. Сӕйраг нысаниуӕг уыд базонын, цы хъуыды кӕнынц амонды тыххӕй хайадисджытӕ.

"Ӕз загътон, амонд алкӕмӕн дӕр кӕй у алыгъуызон, мӕнӕн та уый у мады уарзт", — загъта Гӕджиты Елена.

Иууыл ахсджиагдӕр сты адӕм

Олимпиадӕ цыд 3-7 декабры. Уыцы бонты скъоладзаутӕ хайад истой культурон программӕйы фӕлгӕтты мадзӕлтты. Ацыдысты экскурсийы, уыдысты Фӕсивӕдон театры.

"Сӕйраг тӕлмӕн у ног адӕмимӕ зонгӕ кӕнын. Уыдис дзы бирӕ фӕсивӕд — Америкӕйӕ Монголимӕ. Мах зонгӕ кодтам, радтам кӕрӕдзийӕн лӕвӕрттӕ", — радзырдта Цхуырбаты Мария.

Олимпиадӕ ӕрхаста хорз фӕстиуджытӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр: уыдонӕн уыд фадат фӕфылдӕр кӕнынын сӕ кфалификаци ӕмӕ райсын официалон документтӕ. Сертификат райста цхинвайлаг фӕндзӕм скъолайы ахуыргӕнӕг Туаты Тамара.

Кӕцыфӕнды ахуыргӕнӕндонмӕ дӕр ӕнӕ фӕлварӕнтӕй

Цхуырбаты Мария бацыд абсолбтон уӕлахиздзауты номхыгъдмӕ ӕмӕ райста сӕйраг приз: фадат бацӕуын Уӕрӕсейы кӕцыфӕндыдӕр филологон ӕмӕ лингвистикон ахуыргӕнӕндонмӕ ӕнӕ фӕлварӕнтӕй.

Ӕрвылазон олимпиадӕ уадзы Александр Пушкины номыл Паддзахадон университет УФ Рухсады министрад Россотрудничествойы ӕххуысӕй.

2018 азы олимпиадӕйы финалисттӕ ссисты 130 хайадисӕджы 34 бӕстӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0