ХИПУ ӕмӕ "РУДН" бадзырдтой ӕмгуыстадыл

© Пресс-служба ЮОГУ ХИПУ ӕмӕ "РУДН" бадзырдтой ӕмгуыстадыл
ХИПУ ӕмӕ РУДН бадзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафыстой ахуыргӕнӕндӕтты ректорты кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы Мӕскуыйы

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим ӕмӕ йӕ коллегӕ Адӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университетӕй (РУДН), афтӕ ма Уӕрӕсейы уӕлдӕр аттестацион къамисы сӕргълӕууӕг Владимир Филиппов бафыстой дыууӕ ахуыргӕнӕндоны ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Хуссар Ирыстоны университеты пресс-службӕ хъусын кӕны, бадзырд бафыссыны хайад кӕй иста РХИ минӕвар Уӕрӕсейы, кӕцыйӕн Тедеты Вадим загъта бузныг кусӕгон фембӕлд сорганизаци кӕныны тыххӕй.

© Пресс-служба ЮОГУХИПУ ӕмӕ "РУДН" бадзырдтой ӕмгуыстадыл
ЮОГУ и РУДН договорились о сотрудничестве  - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ ӕмӕ "РУДН" бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Дыууӕ ахуыргӕнӕндоны сӕргълӕуджытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстады фарстытыл. Тедеты Вадим загъта йӕ коллегӕйӕн, цӕмӕй ХИПУ кусджыты сфидар кӕной "РУДН" кадефрӕтӕм, цӕмӕй ныффыссой кандидатон ӕмӕ докторон диссертацитӕ. Афтӕ ма ӕрдзырдтой квалификаци фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ иумӕйаг мадзӕлттӕ ауадзыны фарстытыл.

Тедеты Вадим ӕрдзырдта фарстытыл, кӕцытӕ сты УФ ахуырады министрады уӕлдӕр аттестацион къамисы компетенцийы. Сӕйраджыдӕр, зонадон журнал рауадзын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны аттестацион къамис саразыныл.

© Пресс-служба ЮОГУ Кусӕгон балцы рӕстӕджы ма Тедеты Вадим фембӕлд МПУ ректор Виктор Садовничиимӕ
Вадим Тедеев и ректор МГУ Виктор Садовничий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кусӕгон балцы рӕстӕджы ма Тедеты Вадим фембӕлд МПУ ректор Виктор Садовничиимӕ

Кусӕгон балцы рӕстӕджы ма Тедеты Вадим фембӕлд Ломоносовы номыл Мӕскуыйаг паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничиимӕ, афтӕ ма бацыд УФ ахуырад ӕмӕ зонады министрадмӕ.

Ректор куы ӕрыздӕхт, уӕд радзырдта Бибылты Анатолийӕн кусӕгон фембӕлдты фӕстиуджыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0