Президент схорзӕхджын кодта Хуссар Иры ахуыргӕнджыты

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ахуыргӕнджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ ӕмӕ республикӕйы сгуыхт ахуыргӕнджыты нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ахуыргӕнджыты схорзӕхджын кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Президент Бибылты Анатолий фембӕлд Гасситы Наталиимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент: ахуыргӕнӕджы ныхас у сыгъдӕг

"Ахуырады фадыджы хайбавӕрды, рӕзгӕ фӕлтӕрты хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕныны, афтӕ ма бирӕазон фӕстиуӕгджын куысты тыххӕй "Сгуыхт ахуыргӕнӕджы" цытджын нӕмттӕ раттой Гаглойты Мӕдинӕ ӕмӕ Гӕбӕраты Мӕдинӕйӕн, 6-ӕм скъолайы ахуыргӕнджытӕн.

Уымӕй дарддӕр ма президент схорзӕхджын кодта майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" 6-ӕм скъолайы ахуыргӕнджытӕ Гататы Нуну, Джыгкайты Индирӕ ӕмӕ Дыгъуызты Лианайы.

Майрӕмбоны, 14 декабры Цхинвалы 6-ӕм скъола нысан кӕны йӕ 60-азон юбилей.

Ног хабӕртты лентӕ
0