Хуссар Иры резервисттӕм ӕрсидтысты ӕфсӕддон рӕвдзытӕм

© Sputnik / Natalia AiriyanАхуыртӕ полигоны
Ахуыртӕ полигоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рӕвдзыты рӕстӕджы нывӕндынц бакусын резервистты ӕрсидтыл, кӕцытӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ уыдзысты дыууӕ хайад баххӕст кӕнынӕн, дзырдӕуы президенты барамынды

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ӕфсӕддон рӕвдзытӕ ауадзыны фӕдыл республикӕйы ӕмбӕстӕгтимӕ, кӕцытӕ сты фӕстауӕрцы. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Рӕвдзытӕ уагъд цӕуынц, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмбӕстӕгты нысаниуӕг хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны мобилизацион цӕттӕкӕнынады" законмӕ гӕсгӕ.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад 2018 азы 20-22 декабры хъуамӕ ауадза рӕвдзытӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты фӕстауӕрцы ӕмӕ техникӕйӕн, кӕцы ӕнӕмӕнгхъӕугӕ уыдзӕн дыууӕ хайад

Кадры учений на российской базе в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сезонон рахызт: уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры уадздзысты зымӕгон ахуыртӕ
баххӕст кӕнынӕн", — дзырдӕуы президенты барамынды.

Бибылты Анатолий бахӕс кодта хицауад ӕмӕ паддзахады бынӕттон органтӕн баххуыс кӕнын ауадзын ӕфсӕддон рӕвдзыты мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0