Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы сӕргълӕуджытӕ бафысдзысты ӕмгуыстады бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник
Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЛАР сӕргълӕууӕджы балц Хуссар Ирыстонмӕ адаргъ уыдзӕн ӕртӕ боны, кӕцыты рӕстӕджы паддзахадты сӕргълӕуджытӕ ӕрдзурдзысты республикӕты дыууӕварсон ахастыты фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникы балцы рӕстӕджы бафысдзысты ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд хуссарирыстойнаг республикӕйы президент Бибылты Анатолиимӕ.

Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бафысдзӕн Луганскимӕ ӕхсӕнпаддзахадон бадзырд

Пасечник ӕрцыд Цхинвалмӕ 17 декабры, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

"Балцы рӕстӕджы нывӕндынц бафыссын Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Паддзахадты сӕргълӕуджытӕ фембӕлдзысты абон Хуссар Ирыстоны столицӕйы. Баныхасы рӕстӕджы РХИ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник ӕрдзурдзысты дыууӕварсон ахастыты фарстытыл.

Республикӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафысдзысты ӕртыццӕджы, 19 декабры.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0