Луганскы сӕргълӕууӕг радта Хуссар Иры президентӕн Хӕларады Орден

© Пресс-служба президента РЮОЛАР сӕргълӕууӕг радта Хуссар Иры президентӕн Хӕларады Орден
ЛАР сӕргълӕууӕг радта Хуссар Иры президентӕн Хӕларады Орден - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадты сӕргълӕуджыты фембӕлд ацыд дыццӕджы Цхинвалы, Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник радтой кӕрӕдзийӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕуджытӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник фембӕлдысты Цхинвалы.

ЛАР сӕргълӕууӕг радзырдта йӕ тӕлмӕнтӕ Хуссар Ирыстоны тыххӕй ӕмӕ загъта бузныг республикӕйы президентӕн, хорз ӕй кӕй райстой, уый тыххӕй.

Цхинвалы 5-ӕм скъолайы кӕрты мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЛАР сӕргълӕууӕг ссардта гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгтӕ ӕмӕ Иры хъайтарты нӕмттӕ

Фембӕлды рӕстӕджы пасечник радта йӕ хуссарирыстойанг коллегӕйӕн Хӕларады Орден. Хуссар Ирыстоны президентӕн радтой ацы хӕрзиуӕг "ЛАР-имӕ ӕмгуыстад, хӕларад ӕмӕ сабырдзинад фидар кӕныны тыххӕй, афтӕ ма экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты райрӕзты тыххӕй".

Пасечникы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хорзӕх у тынг ахсджиаг, уый тыххӕй ӕмӕ Хуссар Ирыстон нырма у иунӕг бӕстӕ, кӕцы банымадта ЛАР хӕдбардзинад.

ЛАР сӕргълӕууӕг ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 17 декабры изӕры. Ӕртыццӕджы бафысдзысты хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0