Нывӕзтытӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ: Бибылты Анатолий Луганскимӕ ахастыты тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстон ӕмӕ ЛАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд
Хуссар Ирыстон ӕмӕ ЛАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ ЛАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд ӕмӕ радзырдтой журналисттӕн дарддӕры нывӕзтыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) ӕнтыстджынӕй ӕмгуыстад кӕнынц ныридӕгӕн цалдӕр азы, хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд радта ацы ахастытӕн барадон статус, загъта ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник.

Хуссар Ир ӕмӕ Луганск ӕмгуыстад кӕндзысты: Цхинвалы бафыстой бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Луганск ӕмгуыстад кӕндзысты: Цхинвалы бафыстой бадзырд

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ ӕртыццӕджы бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Документыл сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой дыууӕ республикӕйы сӕргълӕуджытӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник.

"Мах абон бафыстам ӕмгуыстады бадзырд. Нӕ республикӕтӕ ныридӕгӕн фондз аз ӕнтыстджынӕй ӕмгуыстад кӕнынц алкӕцы фадыджы дӕр, ӕмӕ ацы бадзырд радта ахастытӕн барадон статус. Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг хуссарирыстойнаг фарсӕн егъау куысты тыххӕй ахсджиаг документ бафыссыны размӕ", — загъта Леонид Пасечник.

Афтӕ ма уый загъта бузныг Хуссар Ирыстонӕн ӕххуысы тыххӕй, "хӕцӕнгарзимӕ куы хъахъхъӕдтам нӕ хӕдбардзинад, уӕд".

"Махӕн нырма бирӕ куыст ис фидӕны, хъыгагӕн, нырма нӕ хъӕуы тох кӕнын хӕдбардзинады тыххӕй, афтӕ ма фӕхуыздӕр кӕнын нӕ адӕмты царды уавӕрты ӕмвӕзад. Фӕлӕ иумӕ махӕн ӕнцондӕр уыдзӕн", — бахахх кодта ЛАР сӕргълӕууӕг.

Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, ацы документ кӕй уыдзӕн дарддӕры ӕмархайды райрӕзты бындур.

Хуссар Ирыстоны президент ауагъта баныхас ЛАР сӕргълӕууӕгимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Архайын иумӕ: Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник баныхасы хатдзӕгты тыххӕй

"Тынг бирӕ бакуыстам ацы дыууӕ боны, сбӕрӕг кодтам нывӕзтытӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Иу хатт ма мӕ фӕнды бахахх кӕнын, Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр кӕй лӕудзӕн Луганскы фарсмӕ", — загъта президент.

Бадзырд бафыстой ЛАР сӕргълӕууӕджы фыццаг официалон балцы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстонмӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0