Бестауты Бала радзырдта, цӕмӕ хъӕуы Хуссар Иры быроны полигон

© Sputnik / Наталья АйриянБала Бестауты
Бала Бестауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигоны арӕзтад нывӕндынц 2019 азмӕ – цы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн ацы проект, уый тыххӕй радзырдта Sputnik пресс-конференцийы Бестауты Бала

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Быроны полигон кусдзӕн 30 азы ӕмӕ аххӕсдзӕн ӕнӕхъӕн республикӕйыл, радзырдта Sputnik пресс-конференцийы Хуссар Ирыстоны экологи ӕмӕ геологийы комитеты сӕрдар Бестауты Бала.

"Быроны проблемӕ у ахсджиаг — горӕты алыварс фӕзындысты бирӕ бырондӕттӕ, адӕм калынц сӕ бырон алыран дӕр, ӕмӕ уыйимӕ хъӕуы тох кӕнын", — банысан кодта Бестауты Бала.

Ног бырондон сараздзысты Цхинвалӕй фондз километр фалдӕр, Ирыхъӕуы. Проектмӕ гӕсгӕ, дыууӕ егъау котлованы аххӕсдзысты республикӕйы сӕйраг районтыл ӕмӕ уый аскъуыддзаг кӕндзӕн быроны проблемӕ 25-30 азмӕ.

Зӕгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтады министр радзырдта, куыд фервӕздзысты Хуссар Иры быронӕй

"Хъӕбӕр ӕвзарӕнтӕ ӕлхъывд цӕудзысты сӕрмагонд прессы хицӕн брикеттӕм. Уый ратдзӕн фадат утилизаци кӕнын ӕвзарӕнтӕ экологийӕн ӕдасӕй", — радзырдта Бестауты Бала.

Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры бырондон хъуамӕ скуынӕг кӕной, ног полигон куы саразой, уӕд, уый тыххӕй ӕмӕ у тӕссаг экологийӕн.

Полигоны арӕзтад нывӕндынц 2019 азы уӕрӕсейаг инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Проекты аргъ у 170 милуан соммӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0