Хуссар Иры президент раарфӕ кодта паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Иры президент раарфӕ кодта паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн
Хуссар Иры президент раарфӕ кодта паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры президент раарфӕ кодта паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕ намысджынӕй хъахъхъӕны республикӕйы националон ӕдасдзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн – РХИ Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы сӕвзӕрды бон, хъусын кӕны паддзахады пресс-службӕ.

"Уӕ эффективон службӕйон архайды бындур сты ахӕм миниуджытӕ, куыд патриотизм ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Бузныг уӕ куыст ӕмӕ стыр профессионализмы тыххӕй, кӕцы у нӕ республикӕйы сабырад ӕмӕ фӕткы гаранти", - дзырдӕуы арфӕйы.

Президент фидарӕй загъта, паддзахадон хъахъхъӕнынады кусджытӕ дарддӕр кӕй службӕ кӕндзысты республикӕйы хӕрзӕбонӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ цардамонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0