Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады хорзыл банымадтой закон, кӕцы бӕрӕг кӕны пенсийы бӕрц ӕмӕ кар, афтӕ ма пенсийы уавӕртӕ фӕсарӕйнӕгтӕн

ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад райста пенситы фӕдыл законы проект, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Рабадт ацыд хицауады сӕрдары хӕдивӕг, экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадийы къухдариуӕгады бын.

Уӕрӕсейаг ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2019 азмӕ паддзахадон бюджет

Амӕйразмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолий радта хицауадӕн хӕслӕвӕрд, цӕмӕй бакӕной минималон мызд ӕмӕ пенси фӕцӕрыны минимуммӕ 2019 азы.

Республикӕйы пенсион фонды хистӕр Тасойты Аза бахахх кодта, законмӕ гӕсгӕ, пенсийы кар кӕй нӕ фӕивдзӕн (сылгоймӕгтӕн – 55 аз, нӕлгоймӕгтӕн – 60 азы), пенситы бӕрц та фӕфылдӕр уыдзӕн.

"Фидӕн аз республикӕйы бюджетӕй 76 милуан сомы рахицӕн кӕндзысты социалон пенситы тыххӕй. Сӕрибар фӕрӕзты руаджы мах фӕфылдӕр кӕндзыстӕм пенситӕ алкӕцы категори пенсиисӕгӕн дӕр", - банысан кодта Тасойты Аза.

Рабадты рӕстӕджы президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь бахаста хъӕппӕрис, кӕцы у здӕхт фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕм. Уымӕ гӕсгӕ, фӕсарӕйнӕгтӕн бар уыдзӕн пенси исын, ӕрмӕст дӕр, кӕд цардысты бӕстӕты, кӕцытӕ банымадтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн пенси исыны бар ис, кӕд 10 азы уыдысты республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0