ФТЦ ӕмӕ нозтджын шофыртӕ: Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы фӕткхӕлдты тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы фӕткхӕлдты тыххӕй
 Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы фӕткхӕлдты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрад хыгъдлӕвӕрд радта ивгъуыд къуырийы цауты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Аварийы фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой дыууӕ адӕймаджы.

Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы МХМ информацион-координацион центр æрбакодтой Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы МХМ информацион-координацион центр бакодтой Цхинвалы

Афтӕ ма ивгъуыд къуыри уагдоны кусджытӕ сбӕрӕг кодтой иу фыдракӕнд – хӕдтулгӕйыл дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрын. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы.

"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 199 фӕткхалды. Фондз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой аст адӕймаджы. Уыдонӕй дыууӕйы тӕрхондон ӕрбаздӕхта административон бӕрнмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0