Сӕрмагонд бынат: Цхинвалы бакодтой Культурӕйы хӕдзар

© Sputnik / Питы ФатимæПрофцæдисты бæстыхайы зал
Профцæдисты бæстыхайы зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурӕйы хӕдзары баконды мадзалы архайдтой кафты коллективтӕ ӕмӕ ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд Культурӕйы хӕдзары бӕрӕгбонон баконд. Мадзалы хайад истой президент Бибылты Анатолий, хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, культурӕйы министр Зассеты Жанна, афтӕ ма сфӕлдыстадон кусджытӕ ӕмӕ официалон гоймӕгтӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Президент раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ банысан кодта, Культурӕйы хӕдзары баконд кӕй у ахсджиаг.

"Нӕ республикӕйы культурӕйӕн алыхатт дӕр уыд ахсджиаг бынат. Фӕлӕ горӕты администрацийӕн нӕ уыд актон зал. Ацы проблемӕ мах аиуварс кодтам, уый тыххӕй ӕмӕ горӕты ӕнӕмӕнг хъӕуы йӕхи Культурӕйы хӕдзар, кусӕгон фӕзуат ӕмӕ концертон сценӕ", — бахахх кодта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Культурӕйы хӕдзары кӕй архайдзысты ӕрмӕст горӕты къордтӕ нӕ, фӕлӕ ма районты дӕр, афтӕ ма ӕрхонгӕ артисттӕ Уӕрӕсейӕ.

Театралон фæзуат. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афишæ: Ног аз Хуссар Иры

"Республикӕйы алкӕцы районы дӕр фӕстаг ӕзты бакодтой Культурӕйы хӕдзӕрттӕ. Уый бӕрӕг кӕны, паддзахад стыр хъусдард кӕй здӕхы культурӕйы райрӕзтмӕ", — загъта президент.

Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады хистӕр Тасойты Игорь банысан кодта, раздӕр сфӕлдыстадон къордтӕ кӕй архайдтой алыгъуызон бынӕтты, уый тыххӕй ӕмӕ сын нӕ уыд концертон зал.

"Ныр та уавӕр фӕивта ӕмӕ махӕн ис фадат уадзын алыгъуызон мадзӕлттӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ хистӕртӕн. Хъуыдытӕ нӕм бирӕ ис", — банысан кодта Тасойты Игорь.

Бӕрӕгбонон мадзалы рӕстӕджы ацыд концерт, цы ран хайад райстой кафты коллективтӕ ӕмӕ музыкалон скъолаты ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0