Хорз аз: Хуссар Иры президент 2018 афӕдзы куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы пресс-конференци
Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг афӕдзы хатдзӕгтӕ скодта паддзахадон телеуынынады комкоммӕ эфиры

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ацы аз фӕуд кӕны хорз фӕстиуджытимӕ царды алы фадыджы дӕр, загъта хатдзӕгон пресс-конференцийы Цхинвалы президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ республикӕйы аккредитацигонд ДИФ минӕвӕрттимӕ фембӕлд ацыд ГТРК "Ир"-ы комкоммӕ эфиры.

"2018 аз республикӕйӕн ацыд хорз. Афтӕ ма фыццаг хатт историйы Инвестицион программӕ 100% среализаци кодтам. Ӕхцайы фӕрӕзты хай ахиздзӕн фидӕн азмӕ", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта пайдаджын куыст ӕддагон политикӕйы фадыджы, ӕрымысыд ФХМ сӕргълӕууӕджы балц фӕсарӕнтӕм, йӕхи балц Сербаг Республикӕмӕ, Сирийы рдыгӕй банымад ӕмӕ ӕндӕр ӕддагон политикӕйы цаутӕ.

Банымады бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Банымады юбилей ӕмӕ ног театр: азы цаутӕ Хуссар Иры

"Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадӕмон позицитӕ сфидар кӕныны куыст адарддӕр уыдзӕн", — бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма президент банысан кодта, ацы аз цӕрджыты хӕрзвадат кӕй фӕхуыздӕр — фӕфылдӕр сты мыздтӕ, сывӕллӕттӕн ӕххуыс.

"Экономикон райрӕзты фадыджы сарӕзтӕуыд конкретон къахдзӕфтӕ. Кусы чысыл амалиуӕгадӕн уӕлбар кредитдӕттыны фӕдыл закон. Фарон кредиттӕ райстой 21 милуан сомы бӕрц. Ацы аз суммӕ фӕфылдӕр уыдзӕн", — загъта Бибылты Анатолий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы банысан кӕнын инвесторты интерес нӕ республикӕмӕ, цӕвиттӕнӕн у винзаводы баконд, цы ранмӕ инвестор бахаста 70 милуан сомӕй фылдӕр.

Президент ахсджиагыл банымадта "Газпромом"-имӕ бадзырд газфитонгады фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, абоны боны республикӕйы нырма газ ис ӕрмӕст дӕр Цхинвалы.

Президент ма фидарӕй загъта, фидӕн аз дарддӕр кӕй цалцӕг кӕндзысты хӕдзӕрттӕ.

"Мӕн уырны, дыууӕ азмӕ кӕй сӕхгӕндзыстӕм ацы темӕ", — бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0