Митуард ӕмӕ фӕндаджы ӕвзӕр уавӕр: Транскам дыккаг бон у ӕхгӕд

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндаг ӕхгӕд у тыхджын митуарды тыххӕй сӕрмагонд бадзырды онг

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Транскавказон автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ, дыккаг бон у ӕхгӕд транспорты змӕлдӕн.

Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, трассӕйыл кӕй ис ӕвзӕр боныгъӕд — митуард ӕмӕ зӕйтӕй тӕссагдзинад.

"Хуссарирыстойнаг фарс фӕндаг сыгъдӕг у митӕй. Цӕгат Ирыстоны фарсыл митуард ахӕм тыхджын у, ӕмӕ фӕндагон службӕтӕ нырма нӕ райдыдтой сыгъдӕг кӕнын фӕндаг", — радзырдтой уагдоны.

УУМ минӕвар нӕ загъта, кӕд скусдзӕн Транскам хуымӕтӕг режимы ӕмӕ банысан кодта, алцыдӕр баст кӕй у боныгъӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0