Фæндагон службæтæ æрæвнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ

Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскавказы магистралы фæндагон змæлдыл тобæ æвæрд æрцыд 26 декабры бонæй – фæндаг у æхгæд

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Фæндагон службæтæ æрæвнæлдтой Транскамы автомагистраль сыгъдæг кæнынмæ, хуссарирыстойнаг хай иууылдæр æрцыд сыгъдæг, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны УУМ. Миты бæрзæнд цæгат фарс хизы 1,6 метры онг.

"Транскавказы автомагистраль у нырма дæр æхгæд. Хуссарирыстойнаг хай иууылдæр æрцыд сыгъдæг миты хъæпæнтæй. Ныридæгæн фæндаг цæуы сыгъдæг цæгат фарс дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Транскавказон автомагистраль цӕуы хӕхтыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы. Ӕрурæдтой дзы фæндагон змæлд 26 декабры, 13:00 сахатыл тынг митуарды аххосæй. Фæндагон службæтæн сæ бон нæ уыд бавналын куыстмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0