Хæрзаудæн акци сæххæст кодта 255 сабийы бæллицтæ

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныридæгæн 255 сабийы фыстæджытæ "Бӕллицты фонтан"-æй систой, аннæ 50 дæр ног азы агъоммæ æрцæудзысты æххæст

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сидзæр сывæллæттæ, интернатты æмæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæй 255-æн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кодтой хæрзаудæн акци "Бӕллицты фонтан"-ы фæлгæтты. Митын Дадамæ цы сабитæ ныффыстой фыстæджытæ, уыдон бæллицтæ иууылдæр сæххæст уыдзысты ног азмæ, фехъусын кодта мадзалы автор æмæ алæвæрды амонæг Хъуылымбегты Лена.

Проекты хайад исынц Ленингоры сывæллæтты хæдзар, Дзауы скъола-интернат, Цхинвалы интернаты сывӕллӕттӕ, афтӕ ма уӕззау низтимӕ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ, æдæппæтæй 305 сабийы.

"Ныридæгæн сабиты фыстæджытæй 255 ахастой "Бӕллицты фонтан"-æй. 90 адæймаджы бæрц сæхимæ райстой бæрндзинад сабиты цардмæ рухс бахæссын æмæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнын. Хæрзаудæн хъуыддаджы архайдтой куыд политиктæ, амалиуæггæнджытæ, афтæ хуымæтæг адæм дæр. Рахицæн кæнын мæ фæнды Мидхъуыддæгтæ министрад æмæ Хъахъхъæнынады министрады — ацы уагдæттæн канд сæ разамонджытæ нæ архайдтой акцийы, фæлæ хуымæтæг кусджытæ дæр", — загъта Хъуылымбегты Лена.

Акци "Бӕллицты фонтан" дыккаг аз уагъд цӕуы Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0