Владимир Путин: Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахастытӕ фидар кӕнынц сабырдзинад Фӕскавказы

Рафыссын
Владимир Путин раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн Ног аз ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбоны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕларадон ахастыты руаджы фидар кӕны сабырдзинад Фӕскавказы, фехъусын кодта УФ президент Владимир Путин йӕ арфӕйы телы РХИ президент Бибылты Анатолимӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн.


Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн ӕрбалӕугӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы Владимир Путинмӕ: сӕххӕст кодтам хорз фӕстиуджытӕ

"Ацы аз 10 азы сӕххӕст Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл Уӕрӕсейы Федерацийы рдыгӕй. Мӕн уырны, дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастыты дарддӕры райрӕзты руаджы сфидар уыдзӕн сабырдзинад Фӕскавказы", - хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ уӕрӕсейаг лидеры ныхӕстӕ.

Владимир Путины цӕст бауарзта йӕ коллегӕйӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ, Хуссар Ирыстоны адӕмӕн та хӕрзӕбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0