Ӕбæрæг гоймæгтæ адавтой Цхинвалы цæрæджы сыгъзæринтæ

© Photo : Emin RukminiСыгъзæрин фæлындæнтæ
Сыгъзæрин фæлындæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зианбаййафæджы ныхæстæм гæсгæ, 6 январы æбæрæг гоймæгтæ адавтой йæ хæдзарæй сыгъзæрин фæлындæнтæ, кæцыты уый саргъ кодта 120 мин сомы

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц фыдгæнджыты, кæцытæ адавтой сыгъзæрин фæлындæнтæ бынæттон цæрæджы хæдзарæй, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Дыццæджы адавды тыххæй куырдиатимæ Цхинвалы мидхъуыддæгты управленимæ бацыд зианбаййафæг.

"Зианбаййафæджы ныхæстæм гæсгæ, 6 январы æбæрæг гоймæгтæ адавтой йæ хæдзарæй сыгъзæрин фæлындæнтæ, кæцыты уый саргъ кодта 120 мин сомы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, ныртæккæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кæй уадзынц оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ фыдгæнджыты сбæрæг кæнын æмæ æрцахсыны фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0