Тарвæндаг: Транскам æхгæд, прогноз дæр мæгуырау

© МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг фæндаджы куысты згъуыдтытæ ис ныр дыккаг къуыри

ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik. Ӕвзæр боныгъæд фадат нæ дæтты фæндагон службæтæн Транскавказы автомагистраль миты хъæпæнтæй расыгъдæг кæнынмæ бавналынæн, трассæ æхгæд у æртыккаг бон, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндагон службæтæн сæ бон нæу асыгъдæг кæнын Транскам митуарды аххосæй

Транскавказы автомагистраль у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ. Фæндагон змæлд æрурæдтой къуырисæры æхсæвы митуард æмæ зæйты аххосæй. Уымæй размæ ма фæндаг æхгæд уыд 4 январы, уæд дæр ацы аххосæгты тыххæй.

"Транскамы нæ лæууы митуард, тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Асæст нæ дæтты Цæгат Ирыстоны фæндагон æмæ зæйты ныхмæ архайды службæтæн бавналын фæндаг расыгъдæг æмæ зæйтæй рацæуыны тас кæм ис, уыцы бынæттæ сахуыр кæнынæн", — загъта УУМ минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Транскамы хуссайраг фарс дæр дарддæр уары мит, фæндагон службæтæ æмæ ирвæзынгæнджытæ аразынц æппæтдæр, цæмæй фæндаг дарой æрбакæнынæввонг.

УУМ ма радзырдтой, зын кæй у прогноз кæнын, кæд скусдзæн Транскам — уый баст у боныгъæдимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0