Хуссар Иры хицауады æрдзырдтой Къостайы аз бацæттæ кæныныл

© Sputnik / Наталья АйриянКъостайы цырт
Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 2019 аз расидтæуыд Хетæгкаты Къостайы азæй - хицауады цæттæ кæнынц ирон классикы 160-азон юбилейы цытæн мадзæлттæ

ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик æруынаффæ кодта культурæйы министр Зассеты Жаннаимæ организацион фарстытыл Хетæгкаты Къостайы азы цытæн мадзæлттæ бацæттæ кæныны тыххæй. Чиновниктæ æрдзырдтой куыстыты иумæйаг здæхтыл, финансон хайыл, кусæгон къамисы скондыл æмæ æндæр фарстытыл, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы равдыстой Хетӕгкаты Къостайы царды тыххӕй киноныв

"2019 азы мах нысан кæнæм национ гений - Хетæгкаты Къостайы 160 азы. Мах хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæмæй Къостайы аз ацæуа æмбæлон æмвæзадыл, цæмæй адæмы, уæлдайдæр та кæстæр фæлтæры зæрдæты баззайа ирд æмæ цымыдисон цаутæй", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Зассеты Жаннайы ныхæстæм гæсгæ, Культурæйы министрадæй дарддæр мадзæлтты цæттæкæнынады хайад исдзысты æндæр уагдæттæ дæр - ахуырады министрад, зонадон институт, университет.

"Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсæм конкретон æнхъарæнтæм, кæцытæ иумæйагæй срæвдз кæндзысты бæрæгбоны цымыдисон программæ", - загъта министр.

Уый ма бафтыдта, мадзæлтты ма хайад кæй райсдзысты коллегæтæ цæгаткавказаг республикæтæй дæр, "уымæн æмæ Къостайы стъалы æрттивы канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Кавказы сæрмæ дæр".

Ног хабӕртты лентӕ
0