Хуссар Ир сæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ тæссаг низæй бахизыны тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет рахаста уынаффæ рæстæгмæ арæны сæртыл уадзæн пунктты куыст æруромын

ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн паддзахадон арæн рæстæгмæ æрæхгæндзысты 11 январæй, йæ аххосаг баст у Гуырдзыстоны грипп H1N1 кæй апарахат ис, уый, хъусын кæны РХИ ПӔК пресс-службæ.

Ӕмбæлгæ уынаффæ рахаста Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет.

"10 январы 2018 азы Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет ауагъта уæлвæткон рабадт Гуырдзыстоны грипп H1N1 хуыз апарахаты фæдыл, кæцыйы амæттаг фесты 13 адæймаджы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Вирусæй Хуссар Ирыстоны бахизыны охыл ПӔК фехъусын кодта, 11 январы 20.00 сахатæй сæрмагонд барамындмæ кæй æруромдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн уадзæн пунктты куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0