Цхинвалы ацæудзæн Хаситы Сосланы концерт

Хаситы Сослан
Хаситы Сослан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарæггæнæг радзырдта, концерты фыццаг хатт фæстаг 15 азы дæргъы кæй æрæмбырд уыдзысты къорд "Звездный Юг"-ы раздæры сконд

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы майрæмбоны, 18 январы, ацæудзæн Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Хаситы Сосланы концерт. Уый тыххæй Sputnik йæ интервьюйы радзырдта зарæггæнæг.

Концерт, кæцы ацæудзæн ПККЗ "Чермен"ы, фыццаг хатт 15 азы дæргъы æрæмбырд кæндзæн къорд "Звездный Юг"-ы раздæры солистты.

"Мах сæххæст кæндзыстæм куыд нæ ног зарджытæ, афтæ не ʻвзонг æзты зарджытæ дæр", - загъта зарæггæнæг.

Хаситы Сослан ма банысан кодта, концертмæ сæхи кæй цæттæ кæнынц ныр æрдæг азы дæргъы, кæцыдæр зарджытæ сæххæст кæндзысты ног аранжировкæйы.

Концерты фæстæ сæ фæнды ис саразын гастролон тур районты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0