Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон уагдон æмæ спортивон объект æрбынат кодтой раздæры фидауынгæнджыты бæстыхайы, кæцы афтид уыд 2008 азы хæстæй фæстæмæ

ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал, хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ. 

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал

Амæй размæ ацы хъæуы цæрджытæ бахатыдысты президент Бибылты Анатолимæ амбулатори сæндидзын кæныны фæдыл, кæцы куыста згъуыдтытимæ бæстыхайы аварион уавæры тыххæй. Бæстæйы сæргълæууæг уайтагъд дæр бахæс кодта хицауадæн проблема аскъуыддзаг кæнын.

"Бæрнон кусджытæ æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм фидауынгæнджыты штабы зæронд бæстыхайы æмæ 2018 азы кæронмæ уыдон кæронмæ бахæццæ сты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Амбулаторийы специалисттæ ныридæгæн æрæвнæлдтой кусынмæ ног дыууæуæладзыгон агъуысты, цыран ис алы фадæттæ дæр цæрджытæн квалификацион медицинон фыццаг æххуыс бакæнынæн.

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал

Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, медицинон æххуыс æххæсы алкæуыл дæр, амбулаторийы нæй медикаментты хъуагдзинад.

Амбулаторийæ дарддæр ма хъæуы цæрджытæ райстой ноджы иу лæвар - тренажерон зал.

"Бæстыхайы дыккаг уæладзыгыл та бакодтам тренажерон зал арцеуы фæсивæдæн, уыдон тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы хабарыл. Спортивон ифтонгады иу хай æлхæд æрцыд парти "Иугонд Ирыстоны" фæрæзтæй", - загъта Бибылты Валерий.

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал

Афтæ ма дыккаг уæладзыгыл фæнд кæнынц саразын актон зал дæр. Объектыл æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты майы мæймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0