Хуссар Иры зынгсирвæзты фæмард иу нæлгоймаг

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагикон цау æрцыд къуырисæры æхсæвы Дзауы районы Сачърейы хъæуы

ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Сачърейы хъæуы цæрæн вагоны зынгсирвæзт ссис бынæттон цæрæджы амæлæты аххосаг, хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй цауы тыххæй мидхъуыддæгты районон хайадмæ фæбæрæг кодтой 14 январы 02.10 сахатыл.

"Зынгсирвæзт аиуварс кодтой, фæлæ вагоны хицау, Сачърейы 52-аздзыд цæрæг амард райсгæ сыгъдтытæй", - радзырдтой МХМ пресс-службæйы.

МХМ развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд электрон хызæджы цыбыр аныдзæвды аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0