Фыссæн æхсæв: куыд фæлгъауынц амондагур фæсивæд сæ хъысмæт

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæКуыд фæлгъауынц амондагур фæсивæд сæ хъысмæт
Куыд фæлгъауынц амондагур фæсивæд сæ хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæхджын гуылтæ, кæсæн, цырагъ, сыгъдæг доны æххуысæй фæсивæд фыссæн æхсæвы фæлварынц сæ амонд базонын

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон адæммæ рагзамантæй фæстæмæ 14 январы æхсæв хуыйны "Фыссæн æхсæв". Амондагур фæсивæдæн ацы æхсæв æрцæуы сæ фидæнмæ бакæсыны рæстæг, æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ хæрынц цæхджын гуылтæ, цæмæй сын фыны сæ уарзæттæ дон бадарой, тар æхсæв цырагъы рухсмæ кæсæны авджы архайынц рахатын сæ фидæны цардæмбалы сурæт. Иудзырдæй, фыссæн æхсæвы цырæгътæ, кæсæн æмæ гуылтимæ фæсивæд архайныц сæ хъысмæт базонын.

Историон зонæдты кандидат, этнограф Хъуылымбегты Роберт куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй фыссæн æхсæвы адæм цы фынтæ феной, уыдон æцæгæй дæр æрцæуынц.

"Иууыл арæхдæр фæкæнынц гуылтæ, уагмæ гæсгæ сæ хъуамæ скæна идæдз ус. Чындздзон чызг дзы хъуамæ дыууæ бахæра, иу та дзы йæ нывæрзæны бавæра. Гуылтæ вæййынц бынтон къаннæг, фæлæ уæддæр зынхæрæн, фырцæхджын. Фыны йын дон чи радта, уый уыдзæн йæ фидæны цардæмбал. Бирæтæ та нымайынц, райсом дыл фыццаг чи фембæла, уый", - радзырдта Хъуылымбегты Роберт.

Уый ма бафтыдта, йæхæдæг дæр ахæм цаутæ бирæ хатт кæй фехъуыста.

"Фыссæн æхсæв ма кæсæны раз доны ныппарынц къухдарæн æмæ ссудзынц цырагъ. Кæсынц донмæ, науæд кæсæнмæ. Уым цыдæр уысм фæзыны фидæны цардæмбалы фæлгонц. Уыд ахæм цау æмæ чызг йæхæдæг ницы федта, фæлæ йе 'мбал чызг суыдта къухдарæны хицауы хъæугæрон лæппуимæ лæугæйæ, сæ цуры та калд бæлас. Ӕцæгдæр ацы хъуыддаг сæххæст, фембæлд ацы бæрзонд лæппуйыл, сæ кæрты та æцæгдæр уыд калд бæлас", - загъта уый.

Этнограф ма радзырдта, æнæмæнг кæй нæу цардæмбалы фенын - хаттæй-хатт фыны фенынц суадон, хъæумæ фæндаг, науæд сæ амонды хæдзар.

"Зæгъæм, мæ мад федта мæ фыды хъæумæ фæндаг. Стæй, чындзы куы ацыд, уæд æрхъуыды кодта йæ фын", - банысан кодта Хъуылымбегты Роберт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыссæн æхсæвы ма сæ хъысмæт рафæлгъауын фæархайынц абадгæ лæппутæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0