Президент хуыты гриппы тыххæй: уæлдай хъусдард - Гуырдзыимæ арæныл хъæутæм

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæТæссаг низы профилактикæ
Тæссаг низы профилактикæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны территоримæ вирус ма рбауадзыны фæдыл мадзæлттыл æрдзырдтой хицауады рауæрæхгонд рабадтыл, кæцы уагъд цыд президенты къухдариуæгадæй

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн аздахын уæлдай хъусдард республикæйы арæнгæрон районты профилактикон мадзæлттæм Гуырдзыстонæй тæссаг вирус H1N1 ма рбауадзыны тыххæй.

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ тæссаг низæй бахизыны тыххæй

Гуырдзыстоны ацы вирусы амæттаг ныридæгæн баисты 17 адæймаджы. Раздæр Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад рахаста уынаффæ Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæн сæхгæныны тыххæй.

"Уæлдай хъусдард хъæуы аздахын арæнгæрон хъæутæм. Базонут, районты фельдшерон-акушерон пунктты ис вирусты ныхмæ æнæмæнгхъæуæг хостæ æви нæ", - загъта Бибылты Анатолий æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгийæн.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны не сбæрæг сты нырма хуыты гриппæй фæрынчыны цаутæ, уагдон æрвылбон дæр мониторинг кæны уавæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы медицинон уагдæтты ис æппæт æнæмæнгхъæуæг препараттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0