Президент ацæудзæн дыууæ къуыри улæфты

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны разамонæг улæфты хаййæ спайда кæндзæн кусæгон фембæлдтæ ауадзынæн

ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий райсдзæн дыууæ къуыри улæфт, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ. Уыимæ иумæ банысан æрцыд, ацы рæстæг президент уадздзæн кусæгон фембæлдтæ.

"Бибылты Анатолий йæ улæфты иу хаййæ спайда кæндзæн кусæгон фембæлдтæ ауадзынæн ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Президенты пресс-службæйы ма бафтыдтой, хицауады сæрдар Пухаты Эрик, стæй ма тыхон структурæты разамонджытæ æрвылбон паддзахады къухдариуæггæнæджы зонгæ кæндзысты республикйы уавæримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0