Æнæвнæлд зæхх: европæйаг альпинисттæ систой фильм Хуссар Ирыл

© instagram/himalaiaskiАльпинисттæ
Альпинисттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæх аудитори клуб "Himalaiaski"-йы фильм фендзысты иу мæйы фæстæ

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Альпинистты къорд Каталони æмæ Андоррæйæ, клуб Himalaiaski минæвæрттæ социалон хызæгты ныммыхуыр кодтой Хуссар Ирыстоныл сæ ног фильмы трейлер.

"Мах рахызтыстæм ацы зæххы арæныл, кæцыйы æрæджы уыд конфликт. Бахаудыстæм ахæм бæстæмæ, цы ран алкæцы нывæзт дæр фесафы йæ мидис... Цæмæн аразын æз ахæм балцытæ? Растдæр ахæм моментты тыххæй", – дзырдæуы кинонывы анонсы.

Уæрæх аудитори клуб Himalaiaski фильм фендзысты иу мæйы фæстæ.

Æвзонг альпинисттæ сарæзтой цалдæр схызты Хуссар Ирыстоны хæхтæм фарон февралы. Республикæмæ рцыды рæстæджы уыдон фембæлдысты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитриймæ. Уый сын раарфæ кодта се ’сцыдты тыххæй æмæ сæ ногæй æрхуыдта Хуссар Ирмæ сæрды.

Ног хабӕртты лентӕ
0