Хуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады
Хуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг къорд фидаргонд æрцыд Боксы скъола æмæ спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинæгтæй

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æмæ æрыгæтты республикон скъолайы хуыздæр цæттæ спортсментæ фондзæй стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны фыццагады ЦКФЗ ерыстæм балцæгыл. Боксы скъолайы минæвæрттæм бамбал уыдзысты "Олимпы" хъомылгæнинæгтæ дæр, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Цæгат Ирыстоны фыццагад райдайдзæн 7 февралы.

"Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æмæ æрыгæтты республикон скъолайы (СӔРС) тыхджындæр минæвæртты раразмæ кодтам Цæгат Ирыстоны фыццагадмæ. Ерысты стох кæндзысты Къæбысты Георгий, Багаты Марат, Уалыты Сослан, Коцты Артур æмæ Гæджиты Гурам, фæстаг спортсмен ивгъуыд азы тох кодта ацы ерысты æмæ ахызт бæрзонддæр æмвæзадмæ", - загъта Кокойты Ирбег.

Боксеры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахиздзауты тренертæн: Боксы скъола схорзæхджын кодта аккагдæрты

Уый ма радзырдта, ерысты фыццаг номыртæ кæй бакæндзысты сæхицæн фæндаг ЦКФЗ ерыстæм, æвзист майданты хицæуттæн дæр ма уыдзæн фадат райсын балцæг ерыстæм ахуырты рæстæджы.

Кокойты Ирбегы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Иры спортивон кад ма хъахъхъæндзысты спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинæгтæ дæр.

Хуссар Иры спортсменты акæндзæн тренер Дзигойты Ацæмæз. Фæсивæд афæндарст уыдзысты турнирмæ æртыццæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0