Хуссар Иры ПӔК радзырдта январы фӕткхӕлдты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2018 азы фӕстаг мӕймӕ абаргӕйӕ, Хуссар Ирыстоны арӕнхалджыты нымӕц фӕкъаддӕр ис

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ӕрцахстой 44 арӕнсӕттӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Фарон декабры арӕнсӕтджыты нымӕц уыд фылдӕр – 64 адӕймаджы.

"Январы арӕнсӕтджытӕй 24 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 20 та арӕнгӕрон режим", - радзырдтой ПӔК.

Уагдоны арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн 24 адӕймаджы фӕивар кодтой, ӕртӕйы та фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ.

"Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 59 мин сомы", - банысан кодтой ПӔК.

Ноджы ма фараст арӕнсӕттӕджы арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй, авд адӕймаджы бафӕдзӕхстой, иу адӕймаджы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0