Цхинвалы схорзӕхджын кодтой милицийы тагъд архайды къорды кусджыты

© МВД РЮОЦхинвалы схорзӕхджын кодтой милицийы тагъд архайды къорды кусджыты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой милицийы тагъд архайды къорды кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны милицийы тагъд архайды къордыл знон сӕххӕст 16 азы

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь раарфӕ кодта милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕн къорды сӕвзӕрдыл 16 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Уагдоны сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта кӕцыдӕр кусджыты майдантӕй, ӕхцайы премийӕ ӕмӕ балӕвар кодта кусджытӕн телевизор.

Хуссар Иры МХМ сифтонг кодтой ног транспортӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ сифтонг кодтой ног транспортӕй

"Уӕ хӕслӕвӕрд у хъахъхъӕнын нӕ ӕмбӕстӕгты сабыр цард, ӕмӕ йӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнут. Милицийы тагъд нысаниуӕджы къорд ацыд уӕззау фӕндаг ӕмӕ республикӕйӕн зын рӕстӕджыты сӕхи равдыстой хъӕбатырӕй, куы хъуыд ӕххӕст кӕнын фӕтк нӕ республикӕйы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын ӕддагон знӕгтӕй дӕр", - банысан кодта Наниты Игорь.

Афтӕ ма министр раарфӕ кодта къорды кусджытӕн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы номӕй, ӕмӕ сын радта йӕ лӕвар – службӕйон хӕдтулгӕ "УАЗ-220695".

Милицийы тагъд архайды къорд сарӕзтӕуыд 2003 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0