Ӕнӕстандартон архайд: Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ацӕудзысты ХӔЗ масштабон ахуыртӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ацӕудзысты ХӔЗ масштабон ахуыртӕ
 Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ацӕудзысты ХӔЗ масштабон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мотоӕхсӕн ӕмӕ танкон хайадты егъау ахуыртӕ райдыдтой Уӕрӕсейы хуссары, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕты Абхаз, Сомих ӕмӕ Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Авд мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр хайад райсдзысты мотоӕхсӕн ӕмӕ танкон масштабон ротон-тактикон ахуырты, кӕцытӕ райдыдтой Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) 15 полигоныл, хъусын кӕны РИА Новости зылды пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Кадры учений на российской базе в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сезонон рахызт: уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры уадздзысты зымӕгон ахуыртӕ

Ӕфсӕддонты ахуыртӕ райдайдзысты Цӕгат Ирыстон, Волгоград ӕмӕ Ростовы областы, Кубань, Ставрополь, Хъырым, Адыгей, Дагестан ӕмӕ Мӕхъӕлы, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕты Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Сомихы.

"Ахуырты хайад райстой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн, танкон, артиллерион, зенитон, ракетон ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ", - загъта пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьев.

Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты ӕнӕстандартон архайд ӕмӕ пайда кӕндзысты Сирийы хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй.

Иумӕйагӕй ахуырты хайад райсдзысты техникӕйы 2 мин иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0