Хуссар Иры 2018 азы рынчынкӕнынады бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕкъаддӕр сты

© Sputnik / Наталья АйриянРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр хыгъдлӕвӕрд радта уагдоны куыстӕн ивгъуыд азы

ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз фӕкъаддӕр сты рынчынкӕнынады бӕрӕггӕнӕнтӕ 2017 азмӕ абаргӕйӕ. Уый тыххӕй радзырдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Тотчиты Георгий уагдоны коллегийы хыгъдон рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

"Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иумӕйаг рынчынкӕнынад 1076,4 адӕймагӕн рацыд 1076, 2017 азы та 1127,9. Специализацигонд медицинон ӕххуысмӕ арвыстой 665 рынчыны (2017 азы – 355)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма хицауады сӕрдар Пухаты Эрикӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радзырдта гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты. Уагдон уадзы уавӕры ӕрвылбонон мониторинг, ахуыргӕнӕндӕтты та дарддӕр уагъд цӕуынц профилактикон мадзӕлттӕ.

Гасситы Натали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд бандавдзӕн карантин Хуссар Ирыстоны каникултыл – ахуырады министры комментари

Хыгъдон докладимӕ ралӕууыд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Тотчиты Георгий. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, министрады сӕйраг сгуыхтдзинад у ног медицинон кластеры арӕзтад – 11 уагдоны баиу кодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, медикаменттыл 2018 азы паддзахадон бюджет рахицӕн кӕндзӕн 125 милуан сомы, афтӕ ма баххӕстӕн рахицӕн кӕндзысты 25 милуан сомы.

Рабадты кӕрон хицауады сӕрдар бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны медицинон ӕххуысы гъӕд азӕй-азмӕ рӕзы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг банысан кодта, 2019 азы дардӕр кӕй кусдзысты уагдоны куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕхуыздӕр кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0