Бибылты Анатолий хайад райста "Продэкспо" равдысты Мӕскуыйы

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий хайад райста "Продэкспо" равдысты Мӕскуыйы
Бибылты Анатолий хайад райста Продэкспо равдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны продукци бавдыстой хӕлцад ӕмӕ нозты 26-ӕм ӕхсӕнадӕмон равдысты

ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бацыд хӕлцадон равдыст "Продэкспо-2019"-мӕ Мӕскуыйы, цы ран бавдыстой республикӕйы продукци, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

 ПродЭкспо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕнтӕ бавдисдзысты "Продэкспо-2019"-ы

Президенты сӕйраг хъусдард уыд здӕхт сӕндуцӕн "Иронсӕн"-мӕ, кӕцы байгом ис Цхинвалы фарон азы кӕрӕтты.

Куыстуаты хицӕуттӕй иу Таймураз Гогинов радзырдта, сӕндуцӕн фыццаг хатт хайад кӕй исы равдысты ӕмӕ ныридӕгӕн йӕ продукци фӕцыдис Уӕрӕсе ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты бизнесменты зӕрдӕмӕ.

"Фыццаг хатт бавдыстам сӕндуцӕн. Афтӕ ма нӕ стендыл равдыстам националон экспозици Хуссар Ирыстоны тырысатимӕ. Знон мах ауагътам 37 фембӕлды дистрибьютертимӕ. Ӕрбацыдысты нӕм Казахстан, ДАР, ЛАР, Белорусийӕ", - радзырдта Таймураз Гогинов.

Президент загъта бузныг "Иронсӕн" хицӕуттӕн сӕ куысты тыххӕй.

"Сымах сӕххӕст кодтат проект ӕмӕ райдыдтат уадзын продукци, уый у стыр ӕнтыст. Республикӕйы къухдариуӕгад сымахӕн ӕххуыс кӕндзӕн алы фадыджы дӕр. Сымах бавдыстат уӕ продукци ахӕм фӕзуатыл ӕмӕ размӕ кӕнут Хуссар Ирыстоны бренд", - загъта Бибылты Анатолий.

Амалиуӕггӕнджытӕ радзырдтой, кӕй нывӕндынц ӕввахс рӕстӕджы ныссадзын ноджы 20 гектар сӕндӕттӕ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы.

Хуссар Ирыстоны стендыл ма бавдыстой минералон дон "Санай", "Бӕгъиатӕ" ӕмӕ "Ossetian".

Хӕлцад ӕмӕ нозты 26-ӕм ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо-2019" уагъд цӕуы Мӕскуыйы 11-15 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0