Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой "Лирика"-йы фӕдыл ӕфхӕрд фӕтыхджындӕр кӕныныл

Рафыссын
Республикӕйы депутаттӕ ӕрдзырдтой наркотикон буарад ласын ӕмӕ уӕй кӕныны фӕдыл фӕфылдӕр кӕнын ивар ӕмӕ ахӕстоны бадыны ӕмгъуыд

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл комитет ӕркӕсдзӕн законы проектмӕ, кӕцы бахӕсдзӕн ивындзинӕдтӕ административон ӕмӕ уголовон бӕрны фӕдыл медицинон буарад "Лирика"-йы парахат кӕныны тыххӕй законмӕ, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "Лирика"

Проект сарӕзта генералон прокуратурӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, сараздзысты ног хайтӕ 2.1 ӕмӕ 2.2 ӕхсӕзӕм статьяйы. Уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрбаздӕхдзысты уголовон бӕрнмӕ наркотикон буарад уӕй кӕныны тыххӕй сӕрмагонд административон районты, афтӕ ма "Лирика" уӕй кӕнын ӕмӕ ласыны тыххӕй, кӕцы сӕххӕст кодтой цалдӕр гоймаджы раздӕры бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Комитеты сӕрдар Тедеты Нона банысан кодта, 2.1 пуктмӕ гӕсгӕ фыдгӕнӕджы сбадын кӕндзысты ахӕстоны 2-5 азмӕ ӕмӕ йӕ фӕивар кӕндзысты 250 мин сомы бӕрц, 2.2 пунктмӕ гӕсгӕ фыдгӕнӕджы сбадын кӕндзысты ахӕстоны 3-5 азмӕ ӕмӕ йӕ фӕивар кӕндзысты 300 мин сомы.

Хуссар Ирыстоны "Лирика" у тобӕгонд, уый фӕдыл ӕмбӕлон закон райста республикӕйы парламент 2015 азы. Ивгъуыд мӕйы депутаттӕ баххӕст кодтой закон, сӕйраджыдӕр, фӕкарз кодтой препарат парахат ӕмӕ ласыны фӕдыл бӕрн. Ныр уый тыххӕй ис ӕрмӕст административон нӕ, фӕлӕ ма уголовон ӕфхӕрд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0