Хуссар Иры фӕфылдӕр кӕндзысты фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдты фӕдыл ивартӕ

© Пресс-служба МВД РЮОРейдтӕ
Рейдтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивартӕ фӕфылдӕр кодтой уый тыххӕй ӕмӕ раздӕры санкциты фӕстиуӕгӕн фӕткхӕлдты нымӕц нӕ фӕкъаддӕр, банысан кодтой депутаттӕ

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты ӕркастысты "фӕндагон змӕлды фӕтк фехалыны тыххӕй административон ӕмӕ уголовон бӕрны фӕдыл" законы проектмӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдты фӕдыл ивартӕ.

Рейдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныхас нӕ бамбӕрста: Цхинвалы дыккаг хатт ӕрцахстой расыг шофыры

Законы проект сарӕзта республикӕйы мидхъуыддӕгты министрад, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ. Парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл комитеты банысан кодтой, зӕгъгӕ, закон фӕкарздӕр кӕндзӕн административон ӕмӕ уголовон бӕрн фӕндагон змӕлды фӕткӕлдты фӕдыл ӕмӕ йӕ руаджы ӕххӕст цӕудзӕн ӕмбӕлгӕ хъусдард фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадмӕ.

"Мах уырны, фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдты фӕдыл санкцитӕ куы фӕтыхджындӕр уой, уӕд шофыртӕ афтӕ арӕх нал халдзысты закон", - банысан кодта комитеты сӕрдар Тедеты Нона.

Ног законмӕ гӕсгӕ, фыдракӕнды фӕдыл, кӕцыйы ивар раздӕр уыд 100 сомы, ныр фиддзысты ивар 500 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0