Зӕгъойты Эдуарды снысан кодтой Хуссар Иры арӕзтады министрӕй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд республикӕйы арӕзтады министры снысан кӕныны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы барамындӕй республикӕйы арӕзтады министрӕй снысан кодтой Зӕгъойты Эдуарды.

Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорз аз: Хуссар Иры президент 2018 афӕдзы куысты тыххӕй

Раздӕр Зӕгъойты Эдуард уыд арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг. Бибылты Анатолий банысан кодта, министрӕй йӕ кӕй снысан кодтой 2018 азы Инвестпрограммӕйы ӕнтыстджын реализацийы тыххӕй.

"Фыццаг хатт инвестицион программӕ ӕххӕст ӕрцыд 100% ӕмӕ йӕ ӕмгъуыдмӕ срелизаци кодтой", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Ахӕм барамынд бафыстой майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны хицауады рабадты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0