Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Советон Цӕдис фӕцис ӕфсӕдты раконд Афганистанӕй 1989 азы 15 февралы

ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд митинг, кӕцы уыд нывонд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн. Мадзалы хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг

Афганистаны ветеранты Цӕдисы сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Мурӕт бахахх кодта, ветерантӕ-афгайнагтӕ сӕ хӕслӕвӕрд намысджынӕй кӕй сӕххӕст кодтой.

Президент загъта бузныг ветерантӕ-афгайнӕгтӕн хъӕбатырдзинад ӕмӕ патриотизмы тыххӕй.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг

"Абон мах нысан кӕнӕм Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕст. Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ныридӕгӕн уыцы рӕстӕджы цӕттӕ кодтой ӕнӕзаконон ӕфсӕдты, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой террористон акттӕ. Уый фӕдыл Советон Цӕдис бакодта йӕ ӕфсӕдтӕ Афганистанмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

© SputnikЦхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн нывонд митинг

Цхинвалы ӕфсӕддонтӕ-интернационалистты цыртмӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ, Афганистаны хӕсты ветерантӕ, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, афтӕ ма республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0