Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты хӕрзарӕзтад

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты хӕрзарӕзтад
Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты хӕрзарӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты территориты хӕрзарӕзтад райдайдзӕн апрелы

ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты кӕртыты хӕрзарӕзтад апрелы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ Хуссар Иры цӕрджытӕнв  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕйраг хӕслӕвӕрд: Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ Хуссар Иры цӕрджытӕн

Хуссар Ирыстоны хицауады рабадты рӕстӕджы Бибылты Анатолий бахахх кодта, фӕндагон службӕтӕн кӕй ис хӕслӕвӕрд сцалцӕг кӕнын хӕдзӕртты кӕртытӕ ацы аз августы кӕрӕттӕм. Столицӕйы администрацийы разамонӕг банысан кодта, ацы хъуыддагӕн сӕ кӕй хъӕудзӕн 20 милуан сомы.

Афтӕ ма республикӕйы сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхст сцалцӕг кӕнын лифттӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты.

"Лифттӕ иууылдӕр хъуамӕ уой функционалон уавӕры, цы хӕдзӕртты нӕй лифттӕ, уым та сӕ хъуамӕ сӕвӕрой ацы азы дӕргъы", - загъта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0