Хӕххон Карабахы ФХМ сӕргълӕууӕг ӕрцыд Цхинвалмӕ кусӕгон балцы

© Пресс-служба МИД РЮОХуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маилян
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маилян - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕххон Карабахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕджы балц республикӕмӕ адаргъ уыдзӕн ӕртӕ боны

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Къуырисӕры Цхинвалмӕ кусӕгон балцы ӕрцыд Республикӕ Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Масис Маилян, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службӕ.

"Балцы рӕстӕджы нывӕндынц ауадзын баныхас Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маилян, афтӕ ма бафысдзысты дыууӕварсон документтӕ дӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Министры балц адаргъ уыдзӕн 21 февралмӕ.

Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Хӕххон Карабах фехъусын кодтой кӕрӕдзи хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй 2006 азы ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0