Хуссар Иры уӕлбар кредиттӕ райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры уӕлбар кредиттӕ райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы
Хуссар Иры уӕлбар кредиттӕ райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кредитты фылдӕр хай райстой амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ бавдыстой проекттӕ хъӕууон хӕдзарады фадыджы

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министрад фарон ӕркаст уӕлбар кредит райсыны фӕдыл 150 куырдиатмӕ, уыдонӕй 49 ныридӕгӕн райстой ӕххуыс, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Мария: Хуссар Иры уӕлбар кредит райсын ссис ӕнцондӕр

Уагдон фехъусын кодта, чысыл бизнесы райрӕзты къахдзӕфты фарстытыл кӕй ӕрдзырдтой экономикӕйы министрады хыгъдон рабадтыл.

Экономикӕйы министры фыццаг хӕдивӕг Тадтаты Дзамболат радзырдта фембӕлды хайадисджытӕн, 2018 азы чысыл амалиуӕгады райрӕзты программӕйы фӕлгӕтты кӕй ӕркастысты уӕлбар кредит райсыны фӕдыл 150 куырдиатмӕ.

"Уӕлбар кредиткӕнынадӕн ӕххуысы фонд равзӕрста 52 проекты. Уыдонӕй ӕххуыс райстой 49 субъекты. Кредитты фылдӕр хай радтой хъӕууон хӕдзарады проекттӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты рӕстӕджы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, кӕй хъӕуы цӕст дарын финансон фӕрӕзтӕй пайдакӕнынмӕ ӕмӕ сӕххӕст кӕнын кредиттӕ фӕстӕмӕ раздӕхыны механизмтӕ, кӕцытӕ ногӕй ацӕудзысты амалиуӕггӕнджыты ӕххуысӕн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0