Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАбхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ
Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Абхазы хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг фембӕлд йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕимӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады плацыл

ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ официалон балцы.

Министртӕ фембӕлдысты майрӕмбоны хъахъхъӕнынады министрады территорийыл Цхинвалы. Арфӕйы марш абхазаг делегацийӕн сӕххӕст кодта Аланийы гарзджын тыхты оркестр.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ
Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ

Гассеты Ибрагим банысан кодта, Абхазы хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕджы фыццаг балц Хуссар Ирыстонмӕ кӕй уыдзӕн хӕларадон ахастыты дарддӕры райрӕзты бындур.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ
Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ

"Мах нывӕндӕм райтынг кӕнын нӕ ӕфсӕдты ӕхсӕн бастдзинад. Мӕн уырны, дӕ фыццаг балцы фӕстӕ Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕрӕвӕрдзыстӕм дарддӕры ахастыты бындур", - загъта Гассеты Ибрагим.

Мераб Кишмария загъта бузныг йӕ коллегӕйӕн ӕмӕ банысан кодта, кӕй у ахсджиаг сфидар кӕнын хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады иумӕйаг тыгъдад.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ
Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим фембӕлд Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмарияимӕ

"Мах цӕттӕ стӕм иумӕ уадзын алыгъуызон мадзӕлттӕ, се хсӕн ӕфсӕддон ахуыртӕ дӕр", - бахахх кодта Мераб Кишмария.

Хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0