Цхинвалы ацӕудзӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн нывонд турнир волейболӕй

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы ацӕудзӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн нывонд турнир волейболӕй
Цхинвалы ацӕудзӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн нывонд турнир волейболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы сбӕрӕг кӕндзысты республикӕйы иуыл хуыздӕр волейболистты

ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн Цхинвалы 22-23 февралы ацӕудзысты ерыстӕ волейболӕй Республикон сывӕллӕттӕ ӕмӕ юношӕты спортивон скъолайы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Ерысты хайад исынц авд командӕ, се хсӕн мидхъуыддӕгты министрад, УФ арӕнгӕрон службӕ, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад, ХИПУ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сылгоймӕгты командӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Турниры организатор у горӕты культурӕ ӕмӕ спорты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0