Нозтджын шофыртӕ ӕмӕ дыууӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮОРейдтӕ
Рейдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 200 фӕткхалӕгӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Грипп, мыздтӕ ӕмӕ рейдтӕ: Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхсттӕ йӕ кусджытӕн

"Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 203 фӕткхалды. Аст шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, 18-25 февралы республикӕйы территорийыл не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ ӕрбакодтой 9 фӕткхалӕджы. Уыдонӕй цыппары фӕивар кодтой фӕйнӕ иу мин сомы, иу ӕмбӕстаджы та сбадын кодтой ахӕстоны 15 суткӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0