Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ дзырдтой фыссӕджы хайбавӕрдыл ирон литературӕмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайдыл

ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кодтой фысссӕг, тӕлмацгӕнӕг, ӕхсӕнадон архайӕг, Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитоны 70 азы юбилей. Сфӕлдыстадон изӕры ӕхсӕнад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы разамынад ӕрдзырдтой фыссӕджы хайбавӕрдыл ирон литературӕмӕ ӕмӕ бӕстӕйы размӕцыдмӕ, адӕмон инструментты оркестр "Айзӕлд" барӕсугъд кодта мадзал йӕ сфӕлдыстадӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей

Зынгӕ литературон архайӕг 2018 азы банысан кодта йӕ 70 азы юбилей. Хъазиты Мелитонӕн йӕ ном ирон литературамӕ бацыд 1971 азы, уӕд рацыд йӕ фыццаг чиныг – радзырдты ӕмбырдгонд "Зӕлы зарӕг", уый фӕстӕ йӕ сфӕлдыстадон хӕзнадон баххӕст кодта 45 чиныджы бӕрцӕй. Се ʻхсӕн фыцццаг ирон роман студентон цардыл "Фӕлдзӕуӕн рӕстӕг".

"Мелитон активон хайад исы ӕхсӕнадон царды, политикон ӕмӕ национ идеологи фидар кӕныны хъуыддаджы. Уый бынатмӕ никуы тырны, уый ӕрдомынц бынатмӕ адӕм. Кусы ӕрмӕстдӕр адӕмы хӕрзӕбонӕн", - банысан кодта йӕ раныхасы университеты ахуыргӕнӕг Плиты Сергей.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ма Хъазиты Мелитонӕн йӕ сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕй дарддӕр ӕрдзырдтой йӕ ӕхсӕнадон архайды тыххӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваКъорд "Айзӕлд"
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къорд "Айзӕлд"

"Кӕд нӕм кады аккаг лӕг ис, уӕд уый у Мелитон. Йӕ литературон архайды уӕлдай мӕ зӕгъын фӕнды, уый змӕстыты рӕстӕджы Гуырдзыстонмӕ куыд ныццыд ӕмӕ сӕ ныхмӕ куыд рацыд, уый дӕр ахадгӕ хъуыддаг уыд. Йӕ нывтӕ та йын бакодтой метройы ӕмӕ йӕ хуыдтой тӕссаг знаг Гуырдзыстонӕн", - загъта филологон зонӕдты кандидат Дзабиты Зарбег.

Куыста парламенты сӕрдары хӕдивӕгӕй, Паддзахадон телеуынынады директорӕй. Ныридӕгӕн у Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар, ХИПУ ахуыргӕнӕг, лӕвӕрд ын ӕрцыд профессоры ном, у Хетӕгкаты Къостайы премийы лауреат.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Хъазиты Мелитоны юбилей
Ног хабӕртты лентӕ
0